«Цалынмæ ирон адæмæй хатыр нæ ракуырдæуа, уæдмæ ницахæм сабырадыл дзурæн дæр нæй». Сабырдзинад бындуриуæг кæны кæрæдзийæн аргъ кæныныл, хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы цаутæ рцыдис æмæ абон дæр цæуы, уыдонæн аргъ скæныныл. Мæн уырны, нæ фервæзыны хæрзиуæгæн адæмы мысынад баззайдзæнис бирæ азты. Уымæн æмæ цæуыл рацыдыстæм, цы бавзæрстам, уыдон иууылдæр хъуыды кæнгæйæ, уыдонæн иууылдæр аргъ скæнгæйæ, æрмæстдæр уæд нæ бон бауыдзæн исты саразын.