Юго-Осетинская часть Смешанной контрольной комиссии
 SOJCC.RU » Ног хабæрттæ
Сæйраг
Ног хабæрттæ
Аналитикæ
Хъаугъайы цыд
Æвдисæнтæ
Барад
Адæймаджы бартæ
ÆКК-йы архайд
Дунеон организациты архайд Хуссар Иры
Мах тыххæй
Уæ фыстæджытæ
Ныффыссут нæм
Архив
ПнВтСрЧтПтСбВс
 123456
78910111213
14151617181920
21222324252627
28293031 
Бакæсут ацы сайттæ дæр
РХИ Информацион комитет
Ирон радио
Ирæттæ фæсарæнты
ИА ОСинформ
Ирон æвзаджы клуб
Нæ чингуытæ
"Хуссар Ирыстон: 1988-1992 азты Гуырдзыстоны агрессийы цауты афыст" (уырыссаг æвзагыл) I-аг хай, (1988 - 1992 азты цауты афыст) 20 фарсы, архив rar, 35 kb., II-æм хай (Уæлæмхас: документтæ, уацтæ, факттæ)
40 фарсы, архив rar, 64 kb.
"(1989 - 1992 гг.) Гуырдзыстоны агрессийы амæттæгты номарæн чиныг " (уырыссаг æвзагыл) Сарæзта йæ РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, Демографион фонд "Фидæн"-ы Советы сæрдар Цоциты Барис
 

Хуссар Ирыстоны банысан кодтой ирæтты геноциды райдианы фыдохы бон

Хуссар Ирыстоны банысан кодтой ирæтты геноциды райдианы фыдохы бон8 июны РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисы паддзахадон равдыстыты залы байгом хуссарирыстойнаг нывгæнджыты равдыст ирон адæмы фыццаг геноциды райдианы 88 азы хъыгаг бонмæ. Геноцид уыдис Гуырдзыстоны дзуапп, дард 1920 азы Уæрæсейы империйы ныпырхы фæстæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейæ ахицæн кæнын кæй нæ фæндыдис, уымæн. 71 азы фæстæ, зындгонд куыд у, афтæмæй истори фæлхатт æрцыдис.
Равдысты экспозици дзурæг у куыд 1920 азы геноцидыл, афтæ 1991-1992 азты геноцидыл дæр. Хуызфыссынады куыстытæй дарддæр ма ам фенæн ис æнгæс темæйыл Хуссар Ирыстоны фысджытæ æмæ поэтты чингуытæн.
Равдысты куысты æрмæст фыццаг сахатты ардæм æрбацыдысты дæсгай адæймæгтæ, уыдоны нымæцы РХИ-йы Хицауады Сæрдар Юри Морозов, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат, Культурæйы министр Дзуццаты Тамерлан æмæ Хицауады æндæр уæнгтæ. Равдысты организатор, РХИ-йы Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны фæдыл хайады къухдариуæггæнæг Табуты Нели фехъусын кодта, равдысты нысан кæй у «Хуссар Ирыстоны геноцид нывгæнджытæ куыд уыныц, уый равдисын».
Равдыстмæ æрбацæуæг Санахъоты Олег загъта: «Равдыст ноджыдæр зонын кæны: гуырдзиæгты цæсты æндæр адæмты минæвæрттæ «æххæст адæймæгтæ» кæй не сты, уыцы æмбарынад сын кæй нæ фæивта. Цы ма хъуамæ зæгъай, кæд æмæ 1920 азы æфхæрæн экспедицийы сæргълæууæг Валико Джугъели йæхæдæг сырдон æхцондзинадæй фыста, æнæхъæн хъæуты сæ цæрджытимæ куыд сыгъта. Цахæм райзæрдæйæ каст, кæй сыгъта, уыцы хъæуты æртытæм… Ахæм зондыл лæуд уыдысты 90-æм азты геноциды организатортæ æмæ æххæстгæнджытæ дæр».
Равдыстæй къамтæн фенæн ис ам.

Хуыбецты Оксанæ,
сайты уацхæссæг
(авторы ист къамтæ)


Версия для печати
9.06.2008
Постоянная ссылка на страницу:

Сæйраг цаутæ цыбыртæй

Иннæ хабæрттæ

Уæлæмхас æрмæджытæ
Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru