Фæсивæдон лагеры дыккаг улæфджыты къорд уыдзæн дунеон

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдон Министрад кæй сарæзта, уыцы цы халагъудон сæрдыгон хæххон лагерæй Чеселты хъæуы цурæй æрыздæхт улæфджыты фыццаг къорд. Министрады кусæг Джиголаты Фатимæ фехъусын кодта, зæгъгæ, «фæсивæдæн сæ зæрдæмæ афтæ фæцыдис, æмæ сæ хæдзармæ дæр нæндыд. Мах мын арæзтам алыгъуызон ерыстæ, ахуыртæ, конкурстæ. Уыдон зæрдæбынæй æххуыс кодтой лагеры аразджытæн. Алы райсом дæр æфснайдтой сæ алфæмблай территории, бынæттон дзуæрттæ бронæй ссыгъдæг кодтой, æмæ афтя дарддæр».
25 июлы лагермæ ацыдис фæды дыккаг къорд. Уыдон æхсæн сты канд Хусса Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ нæ, фæлæ ма Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ, студенттæ æмæ кусæг фæсивæды минæвæрттæ. «Ацы бонты нæм æрцæудзысты Мæскуыйы ирон фæсивæд, Уæрæсейаг фæсивæдон организации «Ног адæм», Самарайы горæты «Æвзонг гвардии» æмæ Сызраны фæсивæдæй дæр», - загъдта Джиголаты Фатимæ.
Бекъойты Эмилия,
сайты уацхæссæг.

28.07.2008
Постоянная ссылка на страницу: