Хуссар Ирыстоны уыдис иртасæг Германæй

Конфликттæ конструктивонæй скъуыддзаг кæныны Бергофы Фонды Иртасæн Центры минæвар Оливер Уоллех Хуссар Ирыстонмæ йе рцыды рæстæг райдыдта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, бынæттон университеты æмæ æнæхицауадон организацитимæ фембæлдтытæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уымæн Хуссар Ирыстонмæ уый у йæ дыккаг визит, фыццаг та уыдис ивгъуыд аз фæззæджы.
Оливер Уоллех банысан кодта, кæй минæвар у, уыцы берлинаг организаци фæстаг дæс азы хайад кæй исы гуырдзиаг-абхазаг конфликт æрбæстон кæныны процессыл. 2000 азæй райдайгæйæ, Бергофы Фондæн йæ бон бацис гуырдзиаг æмæ абхазаг æхсæнадты минæвæртты хсæн цалдæр фембæлд ауадзын.
Германийæ иртасæг ХИПУ-йы ахуыргæнджытимæ фембæлды фехъусын кодта, зæгъгæ, кæй минæвар у, уыцы Фонды руаджы Абхазы арæзт æрцыд уынаффæгæнæн органы формат, кæцыйы фæлгæтты дыууæ конфликтгæнæг фарсæн сæ бон у æмбæлын æмæ конфликтмæ хауæг алыгъуызон фарстытыл уынаффæ кæнын. «Уыдон уыдысты конфеденциалон фембæлдтытæ, кæцыты кæрæдзиимæ ныхас кодтой, фæлæ кæрæдзийы нæмттæй нæ фарстой æмæ ахæм фембæлдтытæн уыд бæрæг фæстиуджытæ».
«Мах Хуссар Ирыстоны никуы куыстам, уымæн æмæ нæ нæ фæндыдис ацы конфликтты схæццæ кæнын, фæлæ æвзæр нæ уаид, цы цæуы æппæт конфликтон зонæты, уыдон зонын. Æз æрцыдтæн, цæмæй хуыздæр базонгæ уон Хуссар Ирыстоны уавæримæ», - загъта Уоллех.
ХИПУ-йы ахуыргæнджыты ахæм фарстæн, зæгъгæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ Герман афтæ тагъд цæмæн банымадта Косовойы æмæ уыимæ нæ нымайы Хуссар Ирыстоны уæвынад, Уоллех дзуапп радта, зæгъгæ, Югославийы раздæры территори æввахсдæр у Евроцæдисмæ æмæ йын Косовойы банымайын фылдæр хауд æдасдзинады фарстытæм.
Хуыбецты Осканæ,
сайты уацхæссæг
15.05.2008
Постоянная ссылка на страницу: