Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы амæттæгты Мысæн боны сæраппонд фыдохы мадзæлттæй фоторепортаж
2008 азы 20 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм банысан кодтой гуырдзыйы агрессийы амæттæгты Мысæн бон. Рагæй бафиппайдæуыд: æрвылаз дæр 20 майы райсомæй Хуссар Ирыстоны вæййы ирд, фæкæсы хур. Фæлæ сихоры фæстæ мигътæ æрбамбырд вæййынц æмæ райдайы цыбыр, фæлæ тыхджын къæвда. Стæй та ногæй ракæсы хур. Афтæ – азæй азмæ, 1992 азæй райдайгæйæ. Зын зæгъæн у, афтæ æнæуи рауайы, æви æндæр исты у йæ аххосаг. ÆККъ-йы хуссарирыстойнаг хайы официалон сайт мыхуыр кæны фоторепортаж, республикæйы цы траурон мадзæлттæ ауагъд æрцыд, уыдонæй.

Кæс дарддæр…