SOJCC.RU > Ног хабæрттæ, Видео > Цоциты Барис: «ÆКК-йы Хуссар Ирыстоны хай нæ кусдзæнис Груырдзыстоны реинтеграцийы министрадимæ»

Цоциты Барис: «ÆКК-йы Хуссар Ирыстоны хай нæ кусдзæнис Груырдзыстоны реинтеграцийы министрадимæ»


28.01.2008
Гуырдзыстоны æхгæд æрцыдис Гуырдзыстоны хъаугъатæ æрбæстон кæныны фæдыл министрад. Йæ бæсты арæзт æрцыд ног «Гуырдзыстоны реинтеграцийы министрад».
Уый фæдыл Æмхæццæ контролон къамисы (ÆКК-йы) Æмсæрдар Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй Цоциты Барис фехъусын кодта: «ÆКК-йы Хуссар Ирыстоны хай нæ кусдзæни Гуырдзыстоны реинтеграцийы министрадимæ».
«Раздæр къух кæуыл æрфыстæуыд, уыцы сразыдзинæдты фæлгæтты мах кусдзыстæм æрмæстдæр Æмхæццæ контролон къамисы Гуырдзыстоны хайимæ. Уæлдай нын нæу, йæ сæргъ чи лæудзæнис. Кæд Гуырдзыстоны разамынад æмбæлоныл банымайа, æмæ ÆКК-йы Гуырдзыстоны хайы сæргъ хъæууон хæдзарады министры баурома, уæддæр йемæ кусдзыстæм. ÆКК у дунейы нымад орган, кусы дунеон æмвæзадыл, æмæ йæ фæрсты министрадтæ æмæ уагдæттæ уыцы æмвæзадмæ ницы бар дарынц», - загъдта Цоциты Барис.

ÆКК-йы Хуссар Ирыстоны хайы
Информацион хайад