SOJCC.RU > Ног хабæрттæ, Сæйраг > Фæсивæдон лагеры дыккаг улæфджыты къорд уыдзæн дунеон
Фæсивæдон лагеры дыккаг улæфджыты къорд уыдзæн дунеон28.07.2008 |
|
25 июлы лагермæ ацыдис фæды дыккаг къорд. Уыдон æхсæн сты канд Хусса Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ нæ, фæлæ ма Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ, студенттæ æмæ кусæг фæсивæды минæвæрттæ. «Ацы бонты нæм æрцæудзысты Мæскуыйы ирон фæсивæд, Уæрæсейаг фæсивæдон организации «Ног адæм», Самарайы горæты «Æвзонг гвардии» æмæ Сызраны фæсивæдæй дæр», - загъдта Джиголаты Фатимæ. |